Конспект занятия по развитию
речи в старшей группе
Темæ: «Дæсныйæдтæ»

Воспитатель: Сиукаева Г.В.
Темæ: «Дæсныйæдтæ»
Нысантæ:
-Радзырды мидис хи ныхæстæй дзурыныл архайын.
Сбæлвырд кæнын дзырд «дæсныйад»-ы нысан.
Бæрæг дæсныйады кусæджы чи хъæуы,уыцы предметы нæмттæ зонын.
Алы хуызы архайдмæ гæсгæ базонын,цавæр дæсныйад ис адæймагмæ.(Пантомима)
Архайын,цæмæй сабитæ алы куыстæн дæр аргъ кæной.
Архайæн фæрæзтæ: Хъантемыраты Кларæйы радзырд «Ма тæрс». Чиныг «Нæ хурты хуртæн»,210 фарс.
Ахуыры нывæст
Радзырд сабитæн бакæсын æмæ фарстатæ раттын.
а) -цæуыл дзуры фыссæг радзырды?
б) – Цæмæн схуыдтой радзырд «Ма тæрс»?
в) – Гыццыл чызг Ленæйы кæдæм бакодтой скъоладзаут ?
г) – Цæуыл фæцци радзырд?
Байхъусын сабиты дзуаппытæм æмæ ма иу хатт бакæсын радзырд.
-Сабитæ ныффыссæм ма фыстæг иннæ рæвдауæндонмæ,уыдонмæ ахæм чиныг нæй. Сымах мын дзурут радзырдæй цы бахъуыды кодтат уый,æз та фысдзынæн.
Змæлгæ хъазт. «Аэробикæ» Икъаты В . Л.
Иу,дыууæ, æртæ ,цыппар,
Къухтæ риуы размæ тил,-
Кафгæ,-
Д ´алыварс æрзил.
Гæпп фæстæмæ,
Гæпп фæстæмæ,
Гæпп,гæпп,гæпп
Кæныс мæнмæ.
Рæвдздæр,фæндыр,
Рæвдзæр цæгъд.
Хистæр сабитæн æмдзæгъд!
Хъомыылгæнæг ма иу хатт æрныхас кæны радзырдыл:»Ма тæрс».
-Цы куыстгæнæг уыди Бæройты лæг?
-Кæм куыста? Цавæр дæсныйад æм уыди?
-Раст зæгъут ,Бæройты лæг уыди милиционер. Куыста милицæйы.
Хъ.- Æмæ йæ куыст цæй мидæг ис?
С. – Адæмы хъахъæны;къæрныхты ахсы…..
Хъ.- Æртæ дзырдæй чи сараздзæн хъуыдыйа, иу дзырд «милиционер» куыд уа,афтæ.
(Сабитæ дзурынц иугай,хъомылгæнæг,кæм хъæуы,уым сраст кæны сабиты.)
-Цавæр дæсныйæдтæ ма зонут?
(Байхъусын сабитæм.)
Хъ.- Ахъуыды ма кæнут , цавæр предмет хъæуы милиционеры йæ кысты?
Сабиты хъуыдытæ.
Хъ- Хуыйæджы дæсныйад кæмæ ис,уыцы адæймаг та цы фæкусы?
С-Хуыйы дарæс: къабатæ ,хæлаф,хæдон,палтотæ.
Хъ – Цавæр кусæнгæрзтæй пайда кæны хуыйæг йæ куысты?
(Æндах,судзин,хæсгард,мел,ручкæ,хъуымац,цæппæртæ.)
Хъ- Дзабырхуыйæг та цы куыстгæнæг у?
(Хуыйы дзабыртæ,туфлитæ,цалцæг кæны цырыхъхъы бынтæ)
-Цавæр кусæнгæрзтæ хъæуы дзабырхуыйæджы та?
(Зæгæл,бурæмдз,дзæбуг.судзин)
Хъ- Дохтыр та цы куыстгæнæг у?
(Рынчынты дзæбæх кæны,байхъусы,тæвд бары,уколтæ кæны)
-Йæ куысты та цавæр кусæнгæрзтæ хъæуы дохтыры?
(Хостæ , шприцтæ,бæмбæг,судзинтæ,тæвдбарæн)
Хъ-Иуныхасæй,хуыйæг цы хуыйы ? (Хуыйæг хуыйы дарæс)
- Дзабырхуыйæг цы хуыйы? Æмæ афтæ дарддæр.
Хъазт «Базон-базон».
Цавæр дæсныйад ис ацы адæймагмæ?
Хъомылгæнæг архайдæй равдисы цалдæр хуызы дæсныйады:рæвдауæг (цыма пъолтæ швабрæйæ сæрфы)
Сабиты дзуапп:-Рæвдауæг швабрæйæ сæрфы пъол .
Пианист (цыма пианинæйыл цæгъды)
Дохтыр (цыма рынчынмæ хъусы) æмæ афтæ дарддæр.
Кæронбæттæны , сабитæй кæй фæнды , уый архайдæй (мимикæйæ) равдисы алы хуызы дæсныйæдтæ,хъомылгæнæг та хъуамæ базона :цавæр дæсныйад ис,саби кæй равдыста ,уыцы адæймагмæ.
Хъ- Хæрзбон. Нæ иннæ фембæлдмæ.