kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

«Ф?ндыры ц?рдуды ц?рын парахат» Дзанайты Иваны поэм? «Бадилон симд»-м? г?сг?»

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урочы темæ:«Фæндыры цæрдуды цæрынпарахат» Дзанайты Иваны поэмæ «Бадилонсимд»-мæ гæсгæ»

Урочынысантæ:  1. Равзарынуацмысысоциалон-этиконфæрстытæ.

                                 2. Скъоладзаутыдзургæныхасырæзтылбакусын.

                                 3. Ахуырдзаутæмхъомылкæнынадæймагæнаргъ кæнын æркъарæнтæ.

Цæстуынгæ æрмæг: поэты портрет, нывтæ.

Техниконфæрæзтæ: магнитофон, компьютер.

Эпиграф:   Хурадæмæниумæйаг у (æмб.)

Зæхх цæрæджы у (æмб.)

Урочыцыд.

Ахуыргæнæджыраныхас. Нæурочытемæ у«Фæндырыцæрдудыцæрынпарахат» Нигеры поэмæ «Бадилон симд»-мæ гæсгæ». 

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
««Ф?ндыры ц?рдуды ц?рын парахат» Дзанайты Иваны поэм? «Бадилон симд»-м? г?сг?»»

Урочы темæ: «Фæндыры цæрдуды цæрын парахат» Дзанайты Иваны поэмæ «Бадилон симд»-мæ гæсгæ»


Урочы нысантæ: 1. Равзарын уацмысы социалон-этикон фæрстытæ.

2. Скъоладзауты дзургæ ныхасы рæзтыл бакусын.

3. Ахуырдзаутæм хъомыл кæнын адæймагæн аргъ кæнын æркъарæнтæ.

Цæстуынгæ æрмæг: поэты портрет, нывтæ.

Техникон фæрæзтæ: магнитофон, компьютер.

Эпиграф: Хур адæмæн иумæйаг у (æмб.)

Зæхх цæрæджы у (æмб.)

Урочы цыд.

Ахуыргæнæджы раныхас. Нæ урочы темæ у «Фæндыры цæрдуды цæрын парахат» Нигеры поэмæ «Бадилон симд»-мæ гæсгæ». Равзардзыстæм, автор цы социалон-этикон проблемæтыл дзуры,уыдон.

(Компьютерæй æвдыст цæуынц нывтæ)

Хъуысы сабыр музыкæ

Скъоладзау.

Дзырдтой нæ буц фыдæлтæ раджы, мæнг дуне, дам, уыдис фынæй, æмыр æмæ саудалынг. Стæй арвыл фæзынди мæйы зынг, стъалыты ‘рттывд æмæ кæрæй-кæронмæ нывæндгæ рацыд Æрфæныфæд. Уыйфæстæ ссыгъди сæуæхсид, æмæ арвыл фæзынди хуры цалх. Стæй сæ рухсы ‘ндæрг фæрдыгау цæхæртæ ацагъта, æмæ арвæй фесхъиудта зынджыстъæлфæн. Куы ‘рхаудта, уæд сау фæнык фестадис зæххыл сæвзæрди алцы ‘ппæт дæр: хæхтæ æмæ дон, бæлас æмæ дыргъ, кæрдæг æмæ хор. Фæзындысты сырдтæ. Æмæ сын радта Хуыцау адæмæн зонд æмæ тых, амонд æмæ фыдбылыз.


Ахуыргæнæг. Уæдæй нырмæ царды цалх зилы. Цæрынц адæм зæххыл. Алчи дæр нæ цæрынæн райгуырд. Фæлæ адæм уындæй, удыхъæдæй, зондæй куыд алыхуызон сты, афтæ алыхуызон сты сæ хъысмæттæ дæр.

(Зæххы ныв экраныл)


Зындгонд францусаг фыссæг Ж. Руссо фыста: «Чидæр зæххы хайыл гæрæн куы скодта, уый мæн у, зæгъгæ, уæдæй ардæм цæуы тох зæххы сæраппонд». Зæхх цы адæмæн ис, уыдонæн ис æхсæнад, абон æмæ фидæн. Зæхх кæмæн нæй, уыдон сты хъæды халæттæй мæгуырдæр. «Адæмæн зæхх у сæ дарæг»,-фыста Къоста дæр. Нæ уынгæг хæхты та зæхх кадавар уыд. (Скъоладзау дзуры таурæгъ зæххы тыххæй)

Ахуыргæнæг. Ирон адæмæн сæ фыдæлтæ ницы ныууагътой, хохы цъассытæ, йеддæмæ.


Уымæ гæсгæ зæхх адæмæн нæ фаг кодта. Цы уыд, уый та уыд бонджынты къухы. Тъæпæн Дыгуры хуыздæр зæххытæ уыдысты. Бадилаты къухы.

Фарст. Чи уыдысты Бадилатæ?

Скъоладзау дзуры таурæгъ Бадилаты тыххæй.

Ахуыргæнæг. Нигеры сфæлдыстады сæйраг темæ у адæмы уавæр, адæмы историон хъысмæт. Зыдта царды ныхмæвæрдтæ æмæ социалон быцæутæ. «Тыхджынтæ мæгуырты тугбуар хæрынц»,-фыста поэт.

Социалон-этикон фæрстытæ æвæры автор поэмæ. «Бадилон симд»-ы дæр.


Фарст. Цы у поэмæ? Поэмæ – стихтæй фыст сюжетон таурæгъ.

(Компьютеры æвдыст цæуы уацмысы æвзæрсты схемæ)

Ахуыргæнæг. Цы æвдисы поэмæйы?

Скъоладзау. Нигер æвдисы æлдæртты цард. Хъуыбадты Афайы фырт Инал райста афицеры цин. Афицеры службæ паддзахы æфсады уый пайда æмæ уымæ гæсгæ уыд кадджын. Буц æмæ сæрыстыр у Афай йæ фырты æнтыстытæй. Кæны стыр куывд.

Ахуыргæнæг. Куыд æвдисы йæ цин, йæ хъæздыгдзинад, йæ фадæттæ, «йæ уæздандзинад»?

Скъоладзуты дзуæппытæ.

Фарст. Кæимæ бары Афай йæхи?

Дзуапп: Афай йæхи бары Нартимæ. Нартæй дæр уæлдæр æнхъæлы йæхи. Афтæмæй йæм нæй Нарты æцæг уæздандзинад.

(Компьютерæй æвдыст цæуы Тугъанты Махарбеджы ныв «Нарты куывд»)

Фарст: Кæй хуыдтой Нарт сæ куывдмæ? Кæй хоны Афай та? Кæдæм арвыста хонджытæ? Цæмæн кæны куывд? (Текстæй уæ хъуыдытæ бафидар кæнут)

Скъоладзауыты дзуæппытæ.

Ахуыргæнæг. Сæрыстырæй дзуры, йæхицæй аразы уæздан, йæ митæ та сты быдзæуы миты хуызæн.

Фарст. Ссарут тексты, куыд цæттæ кодтой Хъуыбадтæ сæхи куывдмæ, уыцы рæнхытæ. Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзард ацы рæнъытæ кæсгæйæ?

(Компьютерæй æвдыст цæуы ныв. Магнитофоныл «Ханты цагъд»)

Текстæй рæнхъытæ

Уалдзыгон райсом ! Уалдзыгон рæсугъд бон. Сыгъдæг арв, цъæх

Тæмæнтæ калы хъæу ! кæрдæг. Бæлæстæ дидинæг калынц. Сыгъдæг

Кæнынц æмæрттывд чызгæй, лæппуйæ ! æфснайд уынгтæ. Фæсивæд сты аив дарæсы.

Фарст: Цавæр аивадон мадзалæй пайда кæны поэт, цæмæй Хъуыбадты хъæу нæ цæстытыл ирддæрæй ауайа, уый тыххæй?

Дзуапп: Метафорæйæ.

Фарст: Куыд цæуы сæ куывд Хъуыбадтæн?

(Ныв компьютерæй)

Дзуапп: Æлдæрттæ сатæджы дзаг фынгтыл бадынц. Фынгтæ алы хорз минасæй сты се дзаг. Сæ уæлæдарæс – аив. Гаджидæуттæ уадзынц.

Фарст: Чи у Хъуыбадты хистæр? Цавæр аивадон фæрæзæй пайда кæны автор Сафары удыхъæд равдисынæн?

Дзуапп: Бæмбæг у йе ‘взаг. Сындз та йæ зæрдæ.

Бæмбæгæвзаг æмæ сындз зæрдæ сты эпитеттæ. Рæсугъд ныхæстæ кæны, йæ зæрдæйы уаг та у бынтон æндæр. У æдзæстуарзон адæймаг.

Ахуыргæнæг. Зындгонд ирон фыссæг Коцойты Арсен фыста: «Искæй хорздзинадыл бацин кæнын зын у. Зары зæрдæ хъæуы уый тыххæй».

Сафары хуызæн уыдысты иннæ æлдæрттæ дæр. Куыд сæ æвдисы? Цавæр хатдзæг кæны автор?

(Авторы хатдзæг компьютерæй)

Фыдæй-фыртмæ дæр

Уыдис гъе ахæм

Сæ конд Хъуыбадтæн!

(Компьютерæй æвдыст цæуынц Тугъанты Махарбег æмæ Батырбеджы къамтæ)

Ахуыргæнæг. Тугъанты Махарбег æмæ Батырбег дæр Бадилаты фæдонтæ сты. Махарбег у зындгонд нывгæнæг. Батырбег дæр уыд зæхджын инæлары фырт. Уый уыдта, сæ хъæуы бонджынтæ мæгуыр адæмы куыд æфхæрынц, уый. Разы нæ уыд уыцы æнæраст хъуыддæгтимæ. Уагъта мæгуыр адæмы сæ зæххытыл кусын, хъæды суг кæнын.

(Компьютерæй æвдыст цæуы киноныв «Фатимæ»-йæ нывтæ)

Фарст: Куыд цыд Хъуыбадты куывд? Авторы позицийы цавæр рæнхъытæ бæрæг кæнынц?


Дзуапп: Куыд уыд? – куы фæрсай,-

Куыд-иу уыд, афтæ,


Куыд-иу уыд, афтæ.

Бæрæчет бирæ –

Хæрдæй, нуæзтæй

Лæууы сæ разы

Сæ хъал фæсивæд.


Фарст: Цавæр цæстуарзон арфæтæ кæнынц æлдæрттæ Иналæн? Куыд уæм кæсынц уыцы

арфæтæ?


Дзуапп: «Хуыцауы хорзæх, паддзахы хорзæх цæй уæд Иналы! Йæ цинтæ арæх кæнæнт Иналæн!»

Нæ фыдæлтæ-иу афтæ дзырдтой: «Хуыцауы хорзæхæй адæмы хорзæх хуыздæр у». Адæймаг цалынмæ цæра, уæдмæ йын адæм аргъ кæнынц, цавæр хæдзар сарæзта, цас æм ис хъæздыгдзинад æмæ æхсæнады цавæр бынат ахсы, уымæ гæсгæ. Куы амæлы, уæд уыдæттæ уайтагъд байрох ваййынц, æмæ йын аргъ фæкæнынц, æрмæстдæр йæ адæмæн цы хорздзинад сарæзта æмæ йæ фæстæ цавæр фæд ныууагъта, уымæн.


Бакусын поэмæйыл 4 сæрыл.

Эпизод адих кæнын бæлвырд нывтыл.(Нывтæ æвдыст цæуынц компьютерæй)

  1. Кæрты хъазт

  2. Хистæртæ бадынц дзаджджын фынгтыл.

  3. Инал æд куыдз хъазтмæ æрбацыд.

  4. Куыдз йæ фæстаг къæхтыл слæууыд.

  5. Залихан æмдзæгъд кæны. Куыдз ыл цинтæ кæны.

  6. Инал ,Залихан худынц.



Фарст: Куыд æвдыст цæуы Инал поэмæйы?

Дзуапп: Йæ конд, йæ бакаст, йæ митæ æппæтæй дæр æвдисынц буцхаст, хъал, хирвæссон лæппуйы æууæлтæ. Фæзынди къæбылаимæ. Уыцы ми цæуы фыдæлты æгъдæутты ныхмæ.


Фарст: Куыд дары Залихан йæхи къæбылаимæ?


(Компьютерæй æвдыст цæуы æрдзы ныв)


Фарст: Цавæр афæдзы афон равзæрста автор архайды рæстæгæн æмæ цæмæн? Скъоладзау кæсы скъуыддзаг уацмысæй.


Дзуапп: Уыд уалдзæг. Уалдзæг царды нысан у. Дуне йæ фынæйæ райхъал вæййы уалдзæджы. Сырдæй, цæрæгойæ, зайæгхалæй, маргъæй хуры æрттивгæ тынтæм сæхи тавын райдайынц.

Цæмæй циндзинад бирæвæрсыгæй æвдыст æрцæуа, уый тыххæй равзæрста уалдзыгон бон


(Компьютерæй æвдыст цæуынц нывтæ)

  1. Рæсугъд дидинæг йæ сæр зæххæй сдардта.

  2. Бæласыл сыфтæр фæхæцыд.

  3. Сауцъиу бæласæй зары.


(Авторы хатдзæг компьютерæй)

Фæнды йæ зардмæ

Цæрын цæрдуды,

Цæрын парахат.



Таблицæ компьютерæй


БАДИЛАТÆ

Фæнды цæрдуды цæрын парахат

ЛÆГГАДГÆНДЖЫТÆ

Фæнды цæрдуды цæрын парахат


Æнцойгæнæн дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ


Æнцойгæнæн дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ

ХЪУЫБАДТÆ

Зæхджын Сылтаныхъ

ТАЗЕ

Сугсæттæг

АФАЙ

Дзырдта сæрхъилæй

ГÆСТÆН

æртгуыз

КУЫВД

Бæрæчет бирæ-хæрдæй, нуæзтæй

ХЪАНЦАУ

Дондзау

ИНАЛ

Афицер

ФАЦБАЙ

Бæрзонд, фæтæнуæхск,куыстуарзаг, сабыр,иунæг


Ахуыргæнæг: Хъуыбадты фæнды парахатæй цæрын. Æркæсæм ма иннæ социалон

къордмæ? Цы уавæры уыдысты лæггадгæнджытæ? Цæмæн?


(Ныв компьютерæй)

Скъоладзау. Лæггадгæнджыты дæр фæнды парахатæй цæрын. Фæлæ сæ уавæртæ æндæр

уыдысты. Фыдæй-фыртмæ дæр æххуырстæй царди мæгуыр лæг. Зæххы сæраппонд кæнынц уыдон дæр лæггæдтæ

Фацбайæн йæ фыд æххуырстæй хатти Хъуыбадтæн алы аз. Фыдниз ссардта. Ныр та сын Фацбай лæггад кæны.


Ахуыргæнæг: Хетæгкаты Къостайы басня «Хъазтæ»-йы бындуры дæр ис Бадилатæ æмæ мæгуыр, æнæзæхх адæмы æхсæн ахастдзинæдтæ.

(Скъоладзау аив кæсы басня)


Фарст: Лирикон фæзилæнты авторы æнкъарæнтæ куыд цæуынц æвдыст?


Дзуапп: «Рæсугъд дидинæг йæхи цардмæ æвдисы абон»




Фацбай дæр, Хъуыбадты фынгтæн лæггад цы хъуыди, уый бакодта. Ныр æй фæндыры зæлтæ сæхимæ ласынц. Æрбацыд хъазтмæ. Уый дæр адæймаг у, удгоймаг. Æмæ йæ зардмæ цæрын фæнды.

Цæмæй йын йæ зæрдæйы уаг бæлвырддæр равдиса, уый тыххæй скодта æрдзы рæсугъд ныв.


Фарст: Социалон æнæрастдзинады тыххæй авторы позици цавæр рæнхъытæ бæрæг кæнынц? Бакæсут сæ.


Дзуапп: Нæй никуы царды

Ыссарын фидыд

Æлдарæн æмæ

Æххуырст, æфхæрдæн.


- Цæмæн зæгъы афтæ?

(Компьютерæй нывтæ)

- Залихан Фацбаимæ йæхи куыд дары?

Скъоладзауты дзуæппытæ.


- Цæмæн рацыд Фацбай хъазтæй?

- Сæрыстыр адæймаджы зæрдæ нæ ныббыхста Залиханы æнæрвæссондзинад?


Ахуыргæнæг: Поэмæйы сæйраг бынат ахсы саджы æмбисонд. Уыцы ныв у аивадон развæлгъау.


Скъоладзау аиа кæсы скъуыддзаг поэмæйæ(саджы тыххæй рæнхъытæ).


Фарст: Цæмæн æрхаста автор ацы æмбисонд?

Дзуапп: Цыдæр тасдзинад, бæллæх кæй æрцæудзæн, уый равдисынæн.


Таблица.

_____________________________________________________________________________________


АССОЦИАЦИТÆ


------------------------------------------------------------------------------------------------------------------------------------------


- САДЖЫ НЫВ ! Хъазтмæ æрбацыд «цæхæрцæст», бæрзонд,

фæтæнуæхск, куыстуарзаг мæгуыр иунæг

лæппу. У сæрыстыр. Саджы фисынтыл амад.



Компьютерæй. Куыйтæ рæдувынц саджы.

Фарст: Цæй аххосæй æрцыд фыдбылыз? Чи у ахоссджын Фацбайы мæлæты?


Дзуапп: Æппæт æхсæнад дæр у аххосджын. Адæм кæрæдзимæ хæлардæр цæстæй куы кæсиккой, уæд зæххыл ахæм фыдбылызтæ нæ цæуид.


Фарст: цæмæн фæуæлæхиз сты Фацбайыл хъал адæм?

Дзуапп: Нæ разынд ронбагъд

Бæргæ Фацбай дæр,

Цы кæна иунæг?!




Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 7 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
«Ф?ндыры ц?рдуды ц?рын парахат» Дзанайты Иваны поэм? «Бадилон симд»-м? г?сг?»

Автор: Цаллаева Лидия Касболатовна

Дата: 17.12.2015

Номер свидетельства: 267303


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Проверка свидетельства