Гом урок
Темæ: Иувæрсыг хъуыдыйæдты къордтæ.
Ныхасы сæр: Удварны æууæлтæ
Нысан:
I. Зонадон: 1. Раст иртасын дывæрсыг æмæ иувæрсыг
хъуыдыйæдтæ;
2. Равзарын иувæрсыг хъуыдыйады хуызтæ æмæ
æууæлтæ:
3. Растфыссынадыл кусын.
II. Райрæзтон: 1. Тексты зонын нымæцонтæ агурын, раст сæ æвзарын
ныхасгæнгæйæ сæ раст пайда кæнын;
2. Цымыдис кæнын скъоладзауты ног зонындзинæдтæ
райсынмæ.
III. Хъомыладон: Ирон адæймаджы удварны æмæ уды сыгъдæгдзинады
æууæлтæ рæзын кæнын скъоладзауты, раст ирон
æвзагыл дзурыныл сæ амидин кæнын.
Урочы куысты хуызтæ: Фронталон æрфарст, къордты куыст,
индивидуалон хæстæ.
Урочы хæйттæ:
Орг . момент. Арфæ.
Грамматикон хъазт.
Рацыд æрмæг сфæлхат кæнын.
Ног темæ сбæлвырд кæныны æрмæг.
Иувæрсыг хъуыдыйæдтæ тексты ( текст кæсын).
Иувæрсыг хъуыдыйæдты 2 хуызы.
Алгоритм.
Тест.
Практикон куыст.
Хæдзармæ куыст.
Хатдзæгтæ.
Урочы фæлгонц: 1. Ирон æвзаджы чиныг. 8 –æм кълас. (Дзасохты Ф.)
2. Слайдтæ.
Урочы цыд
1. Орг. момент.
-Уæ бон хорз, сывæллæттæ!
Урочы мотиваци. Арфæ.
-Абон нам уазджытæ ис æмæ сын ирон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ аивæй рæсугъд арфæтæ ракæнæм!
-Чызджытæ, табуафси!
(Чызджытæ арфæ кæсынц аивæй).
1 слайд .
Зæрдæбынæй уæ абон ардæм ,
Нæ буц уазджытæ, хонæм мах,
Нæ зонындзинæдтæ фенынмæ,
Нæ рæдыдтытæ дæр – афтæ!
Æнæнизæй , æнæмастæй,
Хъæлдзæгæй фарнимæ цæрут!
Мах та уын зæрдæйæ зæгъдзыстæм :
Æгас нæм алыбон цæут!
- Бузныг, чызджытæ, уæхæдæг дæр фарнимæ байрæзут!
Урочы актуализаци.
Ах. : Абон нæ урочы ныхасы сæр уыдзæн – «Удварны æууæлтæ». Сбӕрӕг кӕндзыстӕм, цавӕр хъуамӕ уа фӕрнджын ирон адӕймаг. Нæ урокæн эпиграфæн райстам ирон ӕмбисонды ныхӕстӕ. Нӕ фыдӕлтӕ хуымӕтӕджы нӕ дзырдтой: «Æмбисонд – зондамонæг».
2 слайд. Эпиграф:
«Адæймаг хъуамæ йæ сæрæн кад кæна».
Урочы кæрон раздæхдзыстæм нæ эпиграфмæ æмæ мын зæгъдзыстут, цы нын бафæдзæхстой нæ фыдæлтæ ацы æмбисонды.
2. Арфæ. Ӕркæсæм нæ арфæйы ныхæстæм . Ам ребусы хуызӕн ӕмбæхст ис нæ рацыд æрмæг . Зæгъут, кæцы дзырдтæ æвдисынц архайд? Раттæм дзы фæрстытæ. Цавæр хъуыдыйады уӕнгтæ сты? - (Фадатон дзырдтӕ). Сбæрæг сын кæнӕм сæ хуызтæ.
1. Хонæм – (куыд?) – зæрдæбынæй ( арх. х. ф.), (кæд?) – абон( афоны ф.), ((кæдæм?) – ардæм( бын. ф.), (цæмæн?)- зонындзинæдтæ фенынмæ –ныс.ф.);
2. Цæрут - (куыд?) - æнæнизæй , æнæмастæй, хъæлдзæгæй- (арх.х.ф.);
3. Зæгъдзыстæм -(куыд?) – зæрдæйæ -(арх.х.ф.);
4. Цæут - (куыд?)- æгас - ( арх. х. ф.), (кæд?) – алыбон –(аф.ф.).
3 слайд. Рацыд ӕрмӕг.
3. Уæдæ цавæр темæ нæ зæрдыл æрлæуын кодтам? (Фадатон дзырдтӕ).
- Цы хонæм фадатон дзырдтæ? - (Фадатон дзырдтæ сты хъуыдыйады ахæм уæнгтæ, кæцытæ февдисынц архайд цавæр фадæтты фæцæуы, ома, кæд, кæм, куыд, æмæ цæмæн).
- Фадатон дзырдтæ сæ нысаниуæгмæ гæсгӕ вæййынц: – (Фадатон дзырдтæ сæ нысаниуæгмæ гæсгæ вæййынц: афоны, бынаты, архайды хуызы, нысаны, æфсоны).
Фадатон дзырдтæ цавæр хъуыдыйады уæнг фембарын кæнынц? – (Фадатон дзырдтæ фембарын кæнынц зæгъинаджы).
4. Ахуыргæнæг:
- Фадатон дзырдтæ хорз базыдтат, цыма грамматикæмæ та куыд арæхсут? Иугыццыл ахъазæм, аулæфæм, цæмæй нæ куыст рæвдздæр ацæуа.
4 слайд Грамматикон хъазт - «Не ‘взаджы къæбицмæ»
Мивдисджытæй ивгъуыд афоны миногмитæ саразут:
1. кусын-
2. лидзын-
3. кафын-
4. курын-
5. нæмын-
6. кæнын-
5. Къордтæй куыст. Ног темæ сбæлвырд кæныны æрмæг
- Ныр мын раттут дзуапп ахæм фарстæн – хъуыдыйады цавæр уæнгтæм
хауынц фадатон дзырдтæ?
- Фæрссаг.
- Фæрссаг уæнгтæй уæлдай ма цавæр уæнгтæ ис?
- Сæйраг – сæйрат æмæ зæгъинаг.
Ахуыргæнæг:
- Сæйрат æмæ зæгъинаг цæмæн фæхъæуынц хъуыдыйады ?
- Цæмæй базонæм, чи у хъуыдыйады архайæг æмæ цы ми кæны, стæй цæмæй хуыздæр бамбарæм хъуыдыйад.
- Сæйрат дæр æмæ зæгъинаг дæр цы хъуыдыйады вæййынц, уый куыд хонæм ?
-Дывæрсыг хъуыдыйад.
- Æмæ уæд сæйраг уæнгтæй сæ иу куы нæ уа, уæд цыма хъуыдыйадæн бамбарæн нæ вæййы?
5 слайд ( 3 сыфтыл куыст)
6. Цæмæй нæ фарстæн дзуапп раттæм, уый тыххæй байгом кæнæм нæ чингуытæ 63 –æм фарсы æмæ æркæсæм 1-аг фæлтæрæнмæ.
3 къордæй бакусдзыстæм, чи растдæр æмæ раздæр фæуыдзæн.
1. Æвзæр нæу, афонтæй. æрдзы, иу дæр.
2. Сыфтæртæ , бæласы, æрызгъæлдысты, кæрдо.
3. Быдырæй, хъæдмæ, митæмбæрзт, бахызтæн.
4. Æрбауазал кодта, уайтагъд, чысыл фæстæдæр.
5. Рæсугъд , бынат, диссаджы.
- Равзарæм хъуыдыйæдтæ:
-1-аг æмæ 2-аг хъуыдыйæдты ис сæйрат дæр æмæ зæгъинаг дæр
3,4,5 – æмы - æрмæстдæр иу.
æртыккаг æмæ цыппæрæмы ис æрмæстдæр зæгъинаг, фæндзæмы - æрмæстдæр сæйрат.
-Зæгъут, искæцы хъуыдыйæды хъуыды нæ бамбæрстат ?
Уæдæ цавæр хатдзæг скæндзыстæм?
- Иу сæйраг уæнгимæ дæр вæййынц хъуыдыйæдтæ æмæ сын сæ хъуыды æнцонæй вæййы бамбарын.
-Уæдæ уæ зæрдыл бадарут –иу сæйраг уæнг цы хъуыдыйæдты вæййы, уыдон хонæм иувæрсыг, уырыссагау та - односоставные. Нæ абоны урочы темæ уæдæ куыд уыдзæн?
- Иувæрсыг хъуыдыйад. (Иувæрсыг хъуыдыйады хуызтæ)
Нысантæ- фæйнæгыл
7. Фæйнæгыл фыссæм абоны нымæц æмæ нæ урочы темæ æмæ мæнæ ацы хъуыдыйæдтæ:
Сабыргай сбон ис. Уары.
Уалдзæг. Диссаджы цъæхдзыкку уалдзæг!
Ф
ыццаг хъуыдыйады сæйраг уæнгтæй ис æрмæст цы ? - Зæгъинаг - Сбон ис. Уары.
Дыккаг хъуыдыйады та? – Сæйрат – Уалдзæг.
Иувæрсыг хъуыдыйæдтæ дих кæнынц дыууæ къордыл:
сæ иуты сæйраг уæнгтæй вæййы æрмæст зæгъинаг,
иннæты та - æрмæст сæйрат.
Æрмæст зæгъинаг кæм ис, ахæм иувæрсыг хъуыдыйæдтæ хуыйнынц мивдисæгон иувæрсыг хъуыдыйæдтæ, æрмæст сæйрат кæм ис, уыдон та - номон иувæрсыг хъуыдыйæдтæ.
8. Текстимӕ куыст.
- Ахуыргӕнӕг:
Цæмæй нæ зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнæм, уый тыххæй уӕ чингуытӕ байгом кæнут 61- æм фарсыл. Сӕххӕст кӕндзыстӕм 4-æм фæлтæрæн. Фæлæ уал раздæр равзарæм тексты зынæмбарæн дзырдтæ.
6 слайд . Дзырдуат.
Копрадзхуыз – цъæх, арвхуыз
Фæрсаг кæнын - хъырнын
Сæрвæттæ – хизæн фæхстæ (пастбища)
Æккæйтты – кæрæдзийы рагъы
(Сывæллæттæ радыгай кæсынц текст)
- Уæ хъус фæдарут, цавæр удварны æууæлтыл дзы цæуы ныхас. (Уазæгуарзондзинад, уæздандзинад, кæрдзындæттон)
-Тексты ссарæм иувæрсыг хъуыдыйæдтæ æмæ сæ равзарæм.
7 слайд .
Мивдисæгон иувæрсыг хъуыдыйæдтæ вæййынц :
1. Бæлвырдцæсгомон – зæгъинаг- мивдисӕг дзы загъд вæййы мивдисæджы 1-аг кæнæ 2-аг цæсгомы (иу.н. æмæ бир. н. ) формæтæй , сæйраты сæр дзы нæ хъæуы, уымæн æмæ мивдисæг – зæгъинаджы формæйæ бæрæг у архайæджы цæсгом.
Зæгъæм: 1. Уайтагъд ныв кæнын райдыдт - он - ( чи?- æз) – ?-аг ц.
2. Æнхъæлмæ кæс - æм уазджытæм - ( чи? – мах) - ?- аг ц.
3. Сывæллæттæм уæ цæст фæдар - ут - ( чи?) – сымах)-? -аг ц.
2. Ӕбæлвырдцæсгомон – зæгъинаг- мивдисӕг дзы загъд вӕййы
3-аг цӕсгомы бирӕон нымӕцы ныр., ивгъ. æмӕ суин. аф. Ӕбæлвырдцæсгомон хъуыдыйады архайӕг предметы сӕр нӕ фӕхъӕуы, ам сӕйрагдӕр вӕййы архайд йӕхӕдӕг. Уымӕ гӕсгӕ ахӕм хъуыдыйады сӕйрат нӕ вӕййы.
Зæгъæм: 1. Кӕмдӕр нӕртон фӕндырӕй цагътой…
2. Уыцы рӕсугъд бынӕтты ирон чъиритӕ кодтой.
3. Иумæйагцæсгомон
4. æнæцæсгомон.
Дæнцæгтæ: (Сывӕллӕттӕ радыгай)
7. Баулæфæн рæстæг: (цыбыр видеоролик ирон музыкæимæ :
«Хæты баззад мæ уд..»
8. Ног æрмæг бафидар кæнын: Æмбисонд - зондамонæг.
1. Авд фæндагыл куы ацæуай,уæд авд лымæны ссардзынæ.
2. Мæлæтæй ма тæрс, худинагæй тæрс
3. Æнæууæнк лæгæй дæхи бирæгъау хъахъхъæн.
4. Æнæууæнкæн йæхиуыл дæр ма баууæнд.
5. Чысыл хæрам дæр кæимæ фæуай, ууыл макуыуал баууæнлд.
6 . Дæ сæрмæ æгад хъуыддаг ма´рхæсс.
9. Хатдзæгтæ.
1. Цы базыдтам абоны урочы ?
2. Цы хонæм иувæрсыг хъуыдыйад?
3. Цавæр хуызтыл дих кæнынц
11. Рефлекси:
1. Мæ зæрдæмæ урочы фæцыди..?
2. Нæ урочы темæ тынгдæр раргом кодтой ахæм куысты хуызтæ..
3. Цавæр удыфарны æууæлты кой кодтам?
4. Уазæгæн ирон адæммæ…
12. Хæдзармæ куыст: ныффыссын цыбыр сочинени: «Нæ бинонты уазæгуарзондзинад».
13. Бæрæггæнæнтæ.