Скъоладзаутæ дзуæппытæ дæттынц. (Бæгæныйы тыххæй дзурынц) - Сымах радзырдтат ирон бæгæныйы тыххæй, фæйнæгыл та ис Ӕлутон. Ӕлутон бæгæныйæ цæмæй хицæн кæны, уый та базондзыстут урочы кæрон. | - Ирон бæгæны. Нуазинæгты хуыздæр у ирон бæгæны. Кæнынц æй хъæбæрхор кæнæ нартхоры задæй. Æфтауынц æм хуымæллæг дæр. Нарты кадджыты куыд æвдыст цæуы, афтæмæй бæгæны фыццагдæр скодта Нарты Сатана. Ирон бæгæны у сау æмæ сæрсæргæнаг, хæрзад æмæ пайда нозт. |
- Гыццыл ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, ирон адæмы цардыуаджы тыххæй цы зонæм, уый. Слайдты руаджы дзурынц ирон хæдзары тыххæй. Слайдты руаджы дзурынц дзырдтæ. Хæс: Фатæгтæм гæсгæ дзырдтæ бакæс. | - Адæм арæзтой сæ бæстыхæйттæ хохаг дурæй. Уыдысты сын иу, дыууæ, æртæуæладзыгонтæ. Фыццаг уæладзыджы дардтой сæ фос, дыккаг уæладзыджы цардысты бинонтæ, æртыккаг уæладзыг та уыдис уазæгдон. Ирон адæм кодтой фос æмæ зæххы куыст. а.д. -Дзидза, æхсыр, цыхт, сылы, хуырх, мисын, нæлхæ, дзыкка, сир, къæдор а.д. Сывæллæттæ дзурынц, ирон бæгæны æмæ дзыкка куыд кæнын хъæуы, уый. Дзыкка да да Сы лы мæн мæ сыг Нæл хæ дзар |
Аулæфт Карточкæтимæ куыст. Хæс: Дзырдтæй сараз хъуыдыйæдтæ. (кълас дихгонд цæуы æртæ къордыл). | I къорд. а) Мисын,æз,нартхоры, кæрдзынимæ, уарзын. æ) Чъиритæ, нæлхæйæ, Мæдинæ, сæрды. II къорд. а) Ирон цыхт, кæнынц, адæм, æхсырæй. æ) Сылгоймæгтæ, уарзынц, фылдæр, сылы. III къорд. а) Нана, нæлхæ, хъуылæг, систа, сцагъта, æмæ, къусмæ. æ) Зæринæйы, тынг, зæрдæмæ, мисын, фæцыдис. |