Урочы темӕ: «Шахмӕтты райгуырӕн бӕстӕ».
Урочы нысан:1.Нымӕцонты тыххӕй ӕрмӕг ныффидар кӕнын.
2.Ныхасы рӕзтыл куыст.
3.Сывӕллӕтты разӕнгард кӕнын шахмӕтты хъазтмӕ.
Урочы цыд.
1.Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг.
2.Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын.(Скъоладзаутӕ хъуамӕ бакӕсой олимпиадӕйы тыххӕй хъуыдыйӕдтӕ.
3.Дзырдуатон диктант:
Ерыстӕ,фӕхӕрд уӕвын,рамбулын,чемпионат,хъазӕн фӕз,шахмӕттӕй хъазт.
2.Ног ӕрмӕг.
Зынӕмбарӕн дзырдтӕ:
Чатурангӕ-четырехслойный
Трактат-научное сочинение,международный договор
Мыхуыры рацыдис-печатался
Рамбылдтой-выиграли
«Шахмӕттӕй хъазты анализ»-«Анализ шахматной игры
3.Текстмӕ байхъусын.Цухгонд дзырдтӕ тетрӕдты ныффыссын.
Шахмӕттӕй хъазт тынг…у,фӕзындис Индийы,фӕндзӕм-ӕхсӕзӕм ӕнусты.Фӕлӕ ацы хъазтӕн иу «фыдыбӕстӕ»нӕй.Хъазты…..ном-«чатурангӕ»-персайнӕгтӕ баивтой ӕндӕр дзырдӕй-«шахмат»,ома «паддзах амардис».
Фыццаг трактат шахмӕтты тыххӕй ныффыстой …… фарӕстӕм ӕнусы……. ӕ нусы Франц балӕвар кодта дунейӕн шахмӕтты фыццаг ахуыргӕнӕн чиныг.Ныффыста йӕ францаг композитор Андре Филидор,чиныг хуыйны «Шахмӕттӕй хъазты анализ».Ацы чиныг дунейы алыхуызон ӕвзӕгтыл мыхуыры рацыдис сӕдӕ ӕхсай хатты.
Иннӕ адӕмтӕ дӕр раджы базыдтой шахмӕттӕ.Зӕгъӕм,славянаг фольклоры ацы хъазты кой фӕзындис……ӕнусы.
Мин астсӕдӕ ӕстай ӕхсӕзӕм азы арӕзт ӕрцыдис фыццаг дунеон чемпионат шахмӕттӕй.Рамбылдта йӕ……шахматист Вильгельм Стейниц.Мин астсӕдӕ нӕуӕдз цыппӕрӕм азы йӕ раивта……спортсменЭммануил Ласкер.Фӕстӕдӕр дунеон чемпионтӕ уыдысты……Хосе-Рауль Капабланкӕ……Александр Алехин ӕмӕ ӕндӕртӕ.
Шахмӕтты Ӕппӕтдунеон федерацийы эмблемӕйы фыст ис ахӕм девиз: «Мах стӕм иу……».
Нӕ бӕстӕйы спортсментӕ бирӕ хӕттыты ӕркодтон сӕ сӕрыл шахматон къаролы сыгъзӕрин…..чемпионтӕ уыдысты Михаил Ботвинник,Василий Смыслов,Михаил Таль,Тигран Петросян,Борис Спасский,Анатолий Карпов,Гарри Каспаров.
Уӕрӕсейаг сылгоймӕгты ӕхсӕн ацы титул…..Людмила Руденко,Елизавета Быкова,Александра Костенюк ӕмӕ Ольгӕ Рубцова.
(рагон,индиаг,араббӕгтӕ,18,8,чехаг,немыцаг,кубӕйаг,уырыссаг,бинонтӕ,худ,рамбылдтой)
1.Текст ратӕлмац кӕнын.
2.Фӕрстытӕн дзуӕппытӕ раттын.
-Шахмӕттӕ кӕд ӕмӕ кӕм фӕзындысты?(5-6 ӕнусы Индийы)
-Дзырд «шахмат» цы нысан кӕны?( «паддзах амардис»)
-Фыццаг трактат чи ныффыста?(араббӕгтӕ)
-Фыццаг ахуыргӕнӕн чиныг ?(«Шахмӕттӕй хъазты анализ»)
-Фыццаг дунеон чемпион шахмӕттӕй чи уыдис?(чехаг шахматист В.Стейниц)
-В.Стейницы фӕстӕ чи уыдис чемпион?(немыцаг спортсмен Э.Ласкер)
-Фӕстӕдӕр дунеон чемпионтӕ уыдысты?(Хосе-Рауль Капабланка ӕмӕ Александр Алехин)
3.Текстӕй рафыссын нымӕцонтӕ ӕмӕ зӕгъын сӕ хуыз (рӕнхъон нымӕцонтӕ)
4.Баххӕст кӕнын хъуыдыйӕдтӕ:
1.Мин астсӕдӕ ӕстай ӕхсӕзӕм азы арӕзт чи ӕрцыдис,уыцы дунеон чемпионат…..(шахмӕттӕй).
2.Ацы хъазтӕн фыццаг цы ном уыдис,уый….(чатурангӕ).
5.Фӕйнӕгыл фыст ӕмбисонд:
Ӕнӕ фӕллойӕ ницы бакӕнӕн ис,
Ӕнӕ фыдӕбонӕй кӕсаг дӕр не рцахсдзынӕ.
5.Хӕдзармӕ куыст:бацӕттӕ кӕнут цыбыр радзырд шахмӕтты тыххӕй.