25.02.15
2Урок-Равдыст
Темæ: «Нæ фыдæлты мæсгуытæ».
Урочы нысантæ: 1. Скъоладзауты зонгæ кæнын фыдæлты хæзнатимæ.
2. Ивгъуыд, абон æмæ фидæны бастдзинад цардимæ.
3. Райгуырæн бæстæмæ фыдыуæзæгмæ уарзондзинад
æвзæрын кæнын.
Пайдагон æрмæг: сюжетон нывтæ[], равдыфст [], фæйнæг [],
компьютер[] ,аудиоæрмæг [],видеоæрмæг [],
индивидуалон хæслæвæрдтæ [],интерактивон
фæйнæг [], чиныг [],къухфыст [],предметон нывтæ [],
методикон æрмæг [].
_____________________________________
Методикон фæрæзтæ: дзургæ ныхас [], цæстуынгæ [], практикон [],
индуктивон [], дедуктивон [], Репродуктивон [],
иртасынадон []
______________________________________
Методикон формæтæ: индивидуалон [], къæйттæй[], къордтæй
______________________________________
Урочы цыд:
I Бацæттæгнæнæн рæстæг
а) базонгæ кæнын нæ урочы темæ æмæ нысантимæ.
II. Ахуыргæнæджы разныхас.
III. Сывæллæттимæ диалог аразын.
Р.Б. – ᴁрæджы уыди каникултæ æмæ куыд арвыстат уæ рæвстæг?
Арсен- ᴁз бабæрæг кодтон мæ нанайы, уый цæры Лескены.
Заринæ – ᴁмæ куыд у дæ нана, дзæбæх у?
Арсен – Бузныг, æнæниз у. Мæ нана у диссаджы фæлмæнзæрдæ æмæ æмбаргæ.
Викæ – Мæнæн та мæ нана ивгъуыд царды тыххæй бирæ фæдзуры.
Хазби – Мæнæн ис баба, цæры Дзæуджыхъæуы, у ирон æгъдæуттыл хæст
адæймаг. Æз бирæ уарзын мæ бабайы, сæрыстырдæн уымæй. Йæ руаджы
зонын таурæгътæ нæ рагфыдæлты царды тыххæй. Иумæ æрвитæм бирæ
рæстæг.
Р.Б. – Хæлæг уæм кæнын ахæм нанатæ æмæ бабатæ кæмæн ис! Нæ мадæлон
æвзагыл уымæн хорз дзурут. Дзæгъæлы нæ фæзæгъынц, «Хæдзар хистæрæй
фидауы».
Лорена: Р.Б. Ды та куыд арвыстай дæ цæгъд рæстæг?
Р.Б. – ᴁз та бабæрæг кодтон мæпагфыдæлты цæрæн бынат, уыдтæн хохы.
Рагæй мæ фæндыд, фæлæ мæ къухы не ̉фтыд.
Хетæг – ᴁмæ дзы диссагæй цы ис?
Р.Б. – Йæ рæсугъдзинæдты тыххæй зын радзурæн у, хъæуы сæфенын æмæ
банкъарын (видеоæрмæг мæ кæсæм. Бæрзонд хохы цъуппытæ, сыгъдæг
уæлдæф, рæсугъд уыгæрдæнтæ. Уæлдай цымыдиссаг та сты нæ
рагфыдæлты мæсгуытæ (фидæрттæ).
Ирæ – Диссæгтæ, мах рæстæджы та ма цæмæн хъæуынц мæсгуытæ?
Давид – Афтæ цæмæн зæгъыс, уыдон сты нæ истори!
Азамат – Уыдон нæ рагфыдæлты цардимæ баст сты!
Миленæ – Р.Б., радзур ма нын, мæсгуытæ цы амонынц?
Р.Б. – Уæдæ мæм лæмбынæг хъусут! Раджы – мы – раджы, цалдæр сæдæ азы размæ
ирон адæм хæхбæсты куы цардысты уæд фæзындысты мыггаджы мæсгуытæ.
Уæды заман,хæхбæсты цырд уыди тынг зын, знæгтæ иу лæбурдтой. Уымæ
гæсгæ адæмы хъуыдис сæхи хъахъхъæнын. Райдыдтой аразын мæсгуытæ.
Амадтой сæ бæрзонд рæтты, цæмæй сæ алыварс алцыдæр уыдтаиккой.
Кристинæ – ᴁмæ сæ цæмæй амадтой?
Георгий – ᴁз æй зонын! Хорз дур æмм чъырæй.
Р.Б. – О, тынг раст. Стæй ма хъуыдис дæсны амайæг. Мæсыгмæ гыццыл дуртæ
хастой амайджытæ сæхæдæг, стырдæртæ та ластой галты ххуысæй.
Дианæ –ᴁмæ иу уæлдзгуытæм та куыдæй схыстызты?
Алан - ᴁвæццæгæн дзы асинтæ конд уыди?
Р.Б. – Алан,ды раст дæ! мидæгæй алы уæлæдзыгмæ дæр уыдис хъæдын асинтæ
конд æмæ уыдоныл цыдысты уæлæдзгуытæм. Мæсыгæн йæ сæр уыдис тъæпæн арæзт.
Дианæ – Уый та цæмæн?
Р.Б. – Цæмæй кæрдзийæн фехъусын кæной, знаг æрбацæуы зæгъгæ, уый тыххæй
Мæсгуыты сæр æртытæ сыгътой. Стæй ма иу ын йæ сæрыл æвæрдтой бирæ
дуртæ, цæмæй сæ знагыл æппарой!
Георгий – ᴁмæ иу цас фæбадтысты мидæгæй?
Р.Б. – Адæм иу куы базыдтой, знаг æрбацæуы, уæд сæхи æррæвдз кодтой йæ ныхмæ
Æрлæууынмæ. Æнæхъæн маггагæй иу мæсыгмæ бацыдысты, семæ иу
бахастой хæринаг, хæцæнгæрзтæ, дон. Мæсыджы дуар иу сыхгæдтой æмæ иу
æнхъæлмæ кастысты знагмæ. Знаг иу саст иу куы рцыди, уæд рацидысты.
Ирæ – Цас рæстæг хъуыди мæсыг самайынæн?
Р.Б. – Амайгæ йæ кодтой цалдæр азы, уымæн æмæ йыл хъуыдис бирæ кусын. Мæсыг амайын чи зырдта, уыдон уыдысты тынг кадджын. Сæ куыст æххæст кодтой иттæг хорз. Уымæ гæсгæ мæсыг уыдис тынг фидар æмæ знагæн зын райсæн.
Чермен – Мæ баба арæх фæдзуры: «Мæсыг йæхи дурæй хæлы», фæлæ никуы
ахъуыды кодтон афтæ цæмæн фæзæгъы ууыл?
Р.Б. – ᴁвæццæгæн дæ ирон æгъдауыл æмæ ирон æвзагыл йæ къух чи сисы ирон
уæвгæйæ, уыдоны тыххæй фæзæгъы афтæ. Фæлæ уый афтæ æмбаргæ у: дур иу уæлейæ рахаугæйæ, пырх кодта биннаг дурты, уымæн æмæ иу мæсыг бынæй
уыдис фæтæндæр, уæлейы нарæгдæр. Афтæ иу мæсыг, йæхи дурæй хæлд
æрцыд.
Кристинæ – Ныры рæстæг ма, исчи пайда кæны мæсгуытæй?
Р.Б. – Нæ, хи хъахъæныны тыххæй дзы ничиуал пайда кæны. Фæлæ куыд загътам
афтæ, уыдон сты ирон адæмы царды истории æвдисæнтæ,цæмæй кæстæр фæлтæр, зоной, раджы рæстæг адæм куыд цардысты, уый. Рæстæг цæуы, æрдзон тыхтæ – уарын, дымгæ, халынц рагон мæсгуыты, фæлæ йæ адæмы чи уарзы, йæ маггагæн аргъ чи кæны, амалхъом чи у, уыдонæй бирæтæ сæ мыггаджы мæсгуытæм базилынц, арæх сæ бабæрæг кæнынц. Сæ фыдæлты кад дæлæмæ нæ уадзынц.
Дианæ – ᴁз чингуыты тынг арæх фенын мæсгуыты нывтм, фæлæ сæ истори ахæм
цымыдисаг кæй у, уыл никуы ахъуыды кодтон.
Арсен- Дæ радзырды фæстæ мæн æрфæндыд мæсгуытæ фенын.
Р.Б. – Кæд уæ тын фæнды, уæд сæрды каникулты уæ ныййарджытимæ ацæут
хохмæ. Уым æнæмæнг фендзыстут нæ рагфыдæлты мæсгуытæ. Сæ къæмтæ
сын иу сисут. Кæнод уæ бинонты хистæртæй базонут уæ фыдæлты
мæсгуыты тыххæй.
III. Кæронбæттæн.
-Ныр та зæгъут, цы базыдтыт рагон мæсгуыты тыххæй?
-Цæмæн сæ арæзтой?
- Цавæр хъуыдтæ, æнкъарæнтæ уæм фæзынд ацы урочы фæстæ?
-Загъут, цæуыл хъуыды кæнынц рагон фыдæлты мæсгуытæ
Рæстæг ма нын куы уа уæд скæндзыстæм мæсгуыты нывтæ.