Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон.
«Рай, мӕ бӕстӕ, зӕл мӕ мадӕлон ӕвзаг!»
Зал ифтонггонд у сывӕллӕтты нывтӕй темӕ «Мӕ Ирыстоныл», цитатӕтӕ мадӕлон ӕвзаджы тыххӕй фӕйнӕгыл, ирон чингуыты равдыст къуымы, залы музыкӕ.
Рацӕуынц 2 скъоладзауы дзургӕйӕ:
Казик: Нӕ зоныс, цы хабар у, цӕмӕн рауай-бауай кӕнынц иууылдӕр?
Вадим: Мӕгъа, кӕд исты бӕрӕгбон у…(Ӕрбауайы чызг плакатимӕ)
Кӕри, цы бон у абон, зӕгъ-ма.
Кӕринӕ: Абон у ирон ӕвзаджы бон, рох уӕ фӕци? Уӕ фыдуагдзинады аххосӕй, ӕвӕццӕгӕн! Казик, нӕ йӕ хъуыды кӕныс?
Казик: Ӕцёг, ӕцӕг! Ныхӕстӕ дӕр ма мын куы уыд бӕрӕгбонмӕ!
Вадим (былысчъилӕй): Алы аз та ирон ӕвзаджы бон вӕййы! Цымӕ цӕмӕ гӕсгӕ?
Кӕринӕ: Уымӕн ӕмӕ иронау раст ничиуал дзуры, ничиуал кӕсы, суанг ма заргӕ дӕр рӕдыдтытимӕ кӕнынц!
Вадим: Ӕз тынг рӕсугъд дӕр ма дзурын!
Казик: Алӕ-ма уӕдӕ, иронау зӕгъ - Звонок уже звенел.
Вадим: Ха-ха-ха! Мӕлӕты диссаг хъуыддаг: Звонок уже уыди!
(Казик ӕмӕ йыл Кринӕ худынц)
Уый дын дӕсны!
Кӕринӕ: Уӕдӕ ма ноджыдӕр зӕгъ - Сегодня я буду выступать на празднике.
Вадим: Табуафси! Абон ӕз выступат кӕндзынӕн праздникы.
(Казик ӕмӕ та йыл Кӕринӕ худынц, Вадим йӕ сӕр ныхы)
Кӕринӕ: Федтай, Зондаби! Зонын, дам, иронау рӕсугъд дзурын. Йе афтӕ дзурынц абон бирӕ ирӕттӕ, ӕмӕ уымӕн хъӕуы бӕрӕгбӕттӕ, алыхуызон мадзӕлттӕ аразын, цӕмӕй не ‘взаг ма мӕгуыр кӕна.
Казик: Раст дӕ, Кӕри, кӕннод афтӕмӕй ӕцӕг фесӕфдзӕн, амӕлдзӕн…
Вадим: Ӕмӕ иунӕг мах бӕрӕгбонӕй цы рауайдзӕн? Цы пайда йын фӕуыдзӕн?
Кӕринӕ: Ӕмӕ иунӕг мах нӕ аразӕм абон бӕрӕгбон, Вадим. Ацы бон Ирыстоны ӕппӕт скъолаты дӕр дзурдзысты, зардзысты, кафдзысты иронау.
Казик: Ӕмӕ цас сты нӕ республикӕйы скъолатӕ, уый зоныс? Ӕнӕхъӕн 212 скъолайы!
Вадим: Ух ты-ы-ы!
Казик ӕмӕ Каринӕ: Ух ты нӕ, фӕлӕ - ӕй-джиди, уый дын гъе!
Каринӕ: Цӕй уӕдӕ, нӕ бӕрӕгбон райдайын афон у, ныффӕстиат стӕм!
Казик: Ӕмӕ йӕ райдайдзыстӕм диссаджы рӕсугъд ныхӕстӕй нӕ ирон мадӕлон ӕвзаджы тыххӕй!
1-аг амонӕг
Абон у нӕ ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон. Махмӕ Ирыстоны фӕзӕгъынц: « Уазӕг, Хуыцауы уазӕг у»! Уӕ бон хорз ӕмӕ нӕм ӕгас цӕут абон нӕ бӕрӕгбонмӕ уе ппӕт дӕр. Уе ппӕт дӕр стут Хуыцауы уазджытӕ ӕмӕ махӕн тынг ӕхсызгон у, абон кӕй ӕрбамбырд стӕм, уый.
2-аг амонӕг
Дунейы фарн зӕгъӕд , ӕмӕ алы ирон дӕр куыд уа цӕсгомджын ирон фарнӕй, алы ирон дӕр куыд уа хайджын Къостайы взагӕй!
Байхъусӕм ма уӕдӕ нӕ кӕстӕр фӕсивӕдмӕ «Мадӕлон ӕвзаг» куыд зынаргъ у, уымӕ.
Ӕз тӕхын мӕ бӕллицты бӕлонау 1 А
Иры взаг-мӕ бӕллицты фысым
Ӕз ирон дӕн- дзурын ӕз иронау,
Базыдтон кӕсын ӕмӕ фыссын.
Цард тӕхы мӕ бӕллицты уӕрдонау, 1 Б
Лӕг нымайы рӕстӕгӕн йӕ цыд.
Ӕз сыгъдӕг куы фӕдзурын иронау,
Уӕд мӕнӕй ныббуц вӕййы мӕ фыд.
Дунейы тӕккӕ стырдӕр хӕрзтӕн
У сӕ хуыздӕр мадӕлон ӕвзаг,
Чи йӕм кӕсы иунӕг боны цӕстӕй,
У гъе уый нӕ адӕмы знаг.
Уæлдæфау адджын сты йæ зæлтæ,
Сæууон æртæхау сты сыгъдæг,
У царды арвæрдын кæстæртæн
Нæ уарзон мадæлон æвзаг.
Ирон дзырд махæн – фыдæлты намыс
Ирон дзырд – Иры цæсгом. 1 Е
Ирон дзырд мады фæлмæн хъæлæс у,
Ирон дзырд – мады æнгæс.
Не взаг – ирон лӕджы бындур.
Не взагимӕ ныл ыскӕсы нӕ хур.
Не взаг нӕ цардӕн у фидар гӕнах!
Не взаг – нӕ къонайы судзгӕ цырагъ. 1Е
Не взаг – хӕзнадон, бӕркадджын къӕбиц.
Не взаг – нӕртон лӕджы рагон бӕллиц.
Не взаг Васойы хъуыдыты цӕхӕр.
Не взаг – у не гъдау, нӕ амонды сӕр
.
Не взаг – дыууӕ Иры иугӕнӕг хид.
Не взаг! Ирон лӕджы уӕнгты ӕхсид!
Ма уӕд ирон тугӕн фесӕфӕн, ма!
Не взаг ӕнгомдӕр, уадз, Иры бӕтта!
Не взаг – нӕ фыдӕлты фарн ӕмӕ кад . 1 Е
Не взаг – нӕ намыс, нӕ уыдзӕн ӕгад.
( Чеджемты Ахсар )
Музыкалон композици «Хонгӕ кафт» 2- аг кълас Алборова
1-аг амонӕг
Цард рӕсугъд уӕд у, ӕмӕ хъӕбул куы хъуса алыбон йӕ мады фӕлмӕн хъӕлӕс, йӕ мадӕлон ӕвзагыл куы зӕлой ирон дзырдтӕ.
Цард бӕллиццаг у уӕд, кад дын куы кӕной , цы адӕмы хсӕн цӕрыс, уыдон, фӕлӕ кады аккаг та уыдзынӕ уӕд, ӕмӕ куы зонай , куы уарзай дӕ мадӕлон ӕвзаг!
Ирон дзырды рӕсугъд азӕлд, 3- аг кълас Диана
Куыд уарзон дӕ, куыд адджын дӕ!
Ныййарӕджы фӕлмӕн узӕлд,-
Ирон ӕвзаг – дӕ зарджытӕ.
Ирон ныхас – цӕугӕ кадӕг,
Нӕ фӕндагыл ӕрвхуыз суадон.
Ирон ӕвзаг, ирон зарӕг –
Нӕ фарны сӕр, нӕ хӕзнадон!
Ирон дзырдтӕ, -
Нӕ фыдӕлты рагон хъӕлӕстӕ.
Ирон дзырдтӕ,-
Нӕ хӕххон рыст зӕххы бӕлӕстӕ.
Ирон дзырд
У хурдзӕсгом, мады ӕнгас.
Ирон дзырд,-
Нӕ къона, нӕ мӕгуыры къӕс.
Стъалытӕ. Ӕндон ӕнусты.
Ирон дзырдтӕ.-
Цӕссыгтӕ Ирыстоны рустыл.
Ирон дзырд,-
Нӕ исбон, нӕ цин ӕмӕ маст.
Ирон дзырд.-
Тӕхгӕ ᾽фсургъ - мӕ уарзт.
Иу ӕмдзӕвгӕ Дианӕ
Музыкалон композиции ( 4 – ӕм кълас, скрипкӕйыл хъазт)
Сценкӕ 4-ӕм кълас
Худындзӕг «Лӕппу ӕмӕ нана»
Лӕппу: Ох хуыцау,рӕвдздӕр ма нӕ хӕдзармӕ куы бахӕццӕ уаин. Ацы скъолайӕ мӕ бон куынӕ уал у. Нана, о нана рӕвдздӕр. Рӕвдздӕр хӕринаг!
Нана: Рауай ма, рауай мӕ къона.
Лӕппу: Цы кӕныс нана? Де рфгуыты бынӕй мӕм цы кӕсыс?
Нана: Цал хаты дын загътон дӕхи хорз дар.
Лӕппу: Ӕмӕ та цыкодтоннана?
Нана: Абон та мӕм дӕ ахуыргӕнӕг дзырдта. Зӕг ъма, цы бӕллӕхтӕ сарӕзтай знон скъолайы?
Лӕппу: Знон?
Нана: О,мӕ хур,знон.
Лӕппу: Ацы ахуыргӕнджытӕ хӕйрӕджытӕ куы сты нана гъе.Ӕз знон скъолайы дуарӕй кӕсгӕ дӕр куы нӕ бакодтон.
2-аг амонӕг.
Фӕстаг рӕстӕг мах тынг арӕх фӕдзурӕм: «Ирон ӕвзаг сӕфы»- фӕлӕ йӕ цӕмӕй сӕфтӕй, мӕлӕтӕй фервӕзын кӕнӕм ууыл ныр ахъуыды кӕнын хъӕуы.
«Ме взаг» 4-ӕм кълас
У иу ӕвзаг дӕр а дунейӕн фаг,
Фӕлӕ нӕ ивынц мады риу ӕндӕрыл!..
Мӕлӕн дын нӕй, мӕ фыдӕлты ӕвзаг,
Кӕд ма ӕрбайсӕфт хоры нӕмыг мӕры?!
Ды незаманӕй ацы боны онг
Нӕ фесӕфтай дӕ уаз хъӕлӕс, дӕ намыс.
Ӕнус-ӕнус дӕ сыгъдӕг уды конд
Цырен арт ӕмӕ карды комыл бахсыст.
Мӕлӕн дын нӕй, мӕ фыдӕлты ӕвзаг, –
Дӕ зӕронд мад у ацы зӕххы къори,
Ӕмӕ куы сӕфай (ма зӕгъӕд ызнаг), –
Дӕуимӕ сӕфы дунейы истори!
Ирон ӕвзаг, ирон кӕрдзын
Уӕ сӕрмӕ дӕр куы нал хӕссут!
Дзӕбӕх мын ут, фӕлӕ тыхстӕй
Иронау дӕр куы нал хъӕрзут.
Йӕхи дурӕй, йӕ бындурӕй
Ӕргъӕумӕ сыг цӕмӕн кӕлы?
Мӕ сау нымӕт, мӕ сау саргъыл
Мӕ цӕстысыг цӕмӕ згъӕлы?
Ирон ӕвзаг ды дӕ сӕрибар,
Дӕ дзырдуат-стъалыты дзыгуыр,
Ӕмӕ дӕ хъысмӕт уӕд нӕхи бар,
Нӕхи цъӕхснаг хъӕлӕс фӕндыр.
Фӕндыримӕ у баст нӕ зарӕг,
Нӕ зарӕг мадӕлон ӕвзаг,
Бӕрзонд иу балцы систа барӕг
Ирон зарӕг хъӕлӕсы дзаг.
9. Скъоладзаутӕ зарынц «Мадӕлон ӕвзаг» 1-ӕм «д» кълас
1-аг амонӕг
Ирон ӕвзагыл цӕрӕнбонты фыстой ӕмӕ фысдзысты сӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ нӕ фысджытӕ ӕмӕ нӕ поэттӕ. Уыдон, куыд байхъуыстат, афтӕмӕй, диссаджы рӕсугъд равдыстой сӕхи хъуыдытӕ ӕмӕ ӕппӕт ирон адӕмы хъуыдытӕ дӕр
2-аг амонӕг
Абоны царды сагъӕссаг у ирон ӕвзаджы фидӕн, фӕлӕ йӕ цалынмӕ уарзӕм, цалынмӕ йыл хъуыды кӕнын фӕрӕзӕм, цалынмӕ ирон сывӕллон дзура йӕ мадӕлон ӕвзагыл, уӕдмӕ йын тӕссаг нӕу фесӕфынӕй.
Джигитовкӕ 4-ӕм кълас
Сценкӕ «Теремок». 1-аг кълас
Музыкалон композици « Девичий танец» 2-аг кълас
1-аг амонӕг
Фидар нын уӕд нӕ Ирыстон. Нӕхи куыд нӕ уал дихтӕ кӕнӕм ирон, дыгурон, къуыдайраг, чысайнаг-ыл, уӕд нӕ иумӕйаг ирон мадӕлон ӕвзаг уыдзӕн ӕцӕг мадӕлон. Мадӕлон ӕвзаг дзыллӕйы ахсджиагдӕр тугдадзин. Мадӕлон ӕвзаг-фыдӕлты хӕзна.
«Мадæлон æвзаг»
Ирон ӕвзаг! Мӕ зынджы хай, мӕ арт! 3-аг кълас
Æрттив, ӕхсид ӕнусбонтӕм ӕдасӕй.
Дӕ цӕрайӕ, дӕ рухс ӕмӕ дӕ тавсӕй (ТОМАЕВА АРИНА 3 «А»)
Цӕрдзынӕн ӕз ӕмӕ хӕрдзынӕн ард.
Рӕдау ӕфсинау нӕм ӕрхастай
Ӕфсарм, Ӕгъдау ӕмӕ Сӕрыстыр.
Дӕу дугты уадтымыгътӕ хастой – (ХОДОНОВА ДАНА 3 «А»)
Ӕндонау нарты гуырдтау сӕрст дӕ.
( Уалыты Лаврент)
Цы у ирон ӕвзаг мӕнӕн?
Мӕ кувӕндон, мӕ цард, ( НИКОЛОВА СОФА 3 «А»)
Сӕууон хуры тӕмӕн,
Мӕ удлӕууӕн мӕ уарт.
Ӕнӕ уый ӕз цы дӕн?
Ӕнӕ фӕттӕ ӕрдын,
Ӕнӕ хъама кӕрддзӕм,
Ӕнӕ хъистӕ фӕндыр.
Ӕнӕ уый ӕз цы дӕн?
Ӕнӕ уый ӕз нӕ дӕн.
«Ирон дзырд»
Дæ зæрдæйы бынæй цы бæстæ уарзыс,
Уый у дæ хъысмæт, дæ ном.
Ирон дзырд махæн – фыдæлты намыс (Накусова Лана 3 «Е»)
Ирон дзырд – Иры цæсгом.
Æз балбæлас федтон дидинæг калгæ,
Ног чындзау дардмæ зындис.
Сæууон рухс уагъта бæрзонд уæларвмæ, –
Уый кæд ирон дзырд уыдис.
Ирон дзырд, ирон дзырд тæхгæ цæргæс у,
Рагæй йæ агуырдтон æз.
Ирон дзырд мады фæлмæн хъæлæс у,
Ирон дзырд – мады æнгæс. (Пухаева Милана 3 «Е»)
Ирон дзырд – хурдзæсгом, зæххыл нæ уды,
Арв та – йæ базырты бар.
Уалдзыгон бонау мидбылты худы,
Гом кæны зæрдæйы дуар.
Ирон дзырд мæн абон йæ куывдмæ хоны,
Цин ма цы вæййы æндæр?
Абон, ирон дзырд, дæ бæрæгбоны
Хъуамæ фæзарон æз дæр.
О, ацы уалдзæджы фыццаг арвнæрдæн, (Туаева Анжелика 3 «Е»)
Ирон дзырд басгуыхт æмбал.
Дзырдаивады æрвхуыз уыгæрдæн,
Дидинæг, дидинæг кал!
Дæ зæрдæйы бынæй цы бæстæ уарзыс,
Уый у дæ хъысмæт, дæ ном.
Ирон дзырд махæн – фыдæлты намыс
Ирон дзырд – Иры цæсгом.
Музыкалон композици - ДОУЛИ 4-ӕм кълас
1 - аг амонӕг
Ныр та – цыбыр викторинӕ, нӕ мадӕлон ӕвзаг куыд зонут, уый сбӕрӕг кӕнынӕн. Разы стут?
1. Ирон ӕвзаг ирӕттӕн цавӕр ӕвзаг у? (мадӕлон)
2. Цал дамгъӕйы ис ирон алфавиты? (43)
3. Дунейыл зындгонд ирон поэт? (Къоста)
4. Чи сарӕзта ирон бӕгӕны? (Сатана)
5. Ирыстоны тырысайы цал хуызы ис?
6. Цы нысан кӕнынц тырысайы хуызтӕ?
7. Афӕдзы ис нудӕс мӕйы. Раст у?
8. Цал горӕты ис Цӕгат Ирыстоны?
9. Бӕхы лӕппын?
10. Зӕгъут ирон ӕмбисӕндттӕ.
Музыкалон композици «Хонгӕ кафт» 4-ӕм кълас
1-аг амонӕг
Стыр бузныг уын. Уарзут уӕ мадӕлон ӕвзаг, мадӕй зынаргъдӕр нӕй, мады руаджы базонӕм, цы в загыл дзурӕм, уый, ӕмӕ йын кад кӕнын хъӕуы цӕрӕнбонты!
2-аг амонӕг.
Абон не взаджы хъысмӕтыл фӕдзырдтам. Нӕ номдзыд поэты ныхӕстӕй. Цӕмӕй нӕ Ирон ӕвзагӕн мӕлӕтӕй тас ма уа, фӕлӕ нын ирд стъалыйау ӕрттива сӕдӕгай азты, уый тыххӕй не ппӕт дӕр, кӕмӕн йӕ бон цас у ӕмӕ куыд у, афтӕ архайа, цӕмӕй махмӕ фыдӕлтӕй цы стыр хӕзна ӕрцыд, уый дарддӕр, фидӕны фӕлтӕртӕм фӕхӕццӕ кӕнын бафӕразӕм.
1-аг амонӕг.
Нӕ абоны бӕрӕгбон кӕронмӕ ӕрбахӕццӕ ӕмӕ нӕ фӕнды зӕгъын
ИУМӔ ДЗУРЫНЦ АМОНДЖЫТӔ
Къостайы тугӕй фыст ныхӕсты
Ӕз федтон ивгъуыд дуджы уаг
Куыд хорз, куыд кадджын дӕ мӕ цӕсты
Нӕ ирон мадӕлон ӕвзаг!