Архонкӕйы 1-ӕм астӕуккаг скъола
ЛИТЕРАТУРОН - МУЗЫКАЛОН КОМПОЗИЦИ
«НЕ `ВЗАГ – НӔ ХӔЗНА»
Май, 2016 аз « Не` взаг- нӕ хӕзна». ( Сценари ирон ӕвзаджы бонмӕ) (Хъуысы ирон музыкӕ. Рацӕуынц дыууӕ амонӕджы) 1-аг амонӕг: - Уӕ бон хорз, зынаргъ ӕмбӕлттӕ! Абон не скъолайы ис стыр бӕрӕгбон. 2-аг амонӕг: - Добрый день, дорогие друзъя! И снова праздник в нашей школе!..Ежегодно наша республика отмечает 15 мая День осетинского языка. И наша школа тоже отмечает сегодня этот знаменательный день.
1-аг амонӕг: - «Мадӕлон ӕвзаг мады ад кӕны»,- фӕзӕ-гъынц. Ӕмӕ уый, ӕцӕгӕйдӕр, афтӕ у. Нӕ фыдӕлтӕ нын ныууагътой хъӕздыг ӕмӕ рӕсугъд ӕвзаг. Ӕмӕ махӕн нӕ хӕс у цӕсты гагуыйау хъахъхъӕнын уыцы стыр хӕзна,уымӕн ӕмӕ уый у нӕ культурӕйы, нӕ лӕгдзинады, нӕ адӕмы рӕзыны сӕйраг фӕрӕз. 2-аг амонӕг: - Культура народа может существовать только, когда люди имеют возможность пользоваться родным языком в полной мере, в любых жизненных ситуациях. Родной язык дорог каждому человеку. Нельзя считать себя культурным, воспитанным человеком, не зная, в первую очередь, своего родного языка. 1-аг амонӕг: -Хъыгагӕн, абон нӕ ирон адӕмӕй бирӕтӕ сӕ сӕрмӕ нал хӕссынц ирон ӕвзаг, нӕ йыл дзурынц, нӕ йӕ зонынц, ӕмӕ сӕ хъӕугӕ дӕр нӕ кӕны. Не скъолайы дӕр тынг бирӕ сывӕллӕттӕ ис ахӕмтӕ. Хъуамӕ алы адӕймаг дӕр ӕмбара, ӕвзаг цас фылдӕр куса, цас ыл фылдӕр дзурой ӕмӕ фыссой, уыйас фидардӕр кӕны. Ӕмӕ мадӕлон ӕвзаг фидар куы уа, уӕд адӕм дӕр ӕнгомдӕр сты, кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбарынц. Адӕм се ` взагӕй адӕ сты. 2- аг амонӕг: - Великие мастера художественного слова воспевали величие своего родного языка, выразив безграничную любовь к нему. Так известный поэт Р. Гамзатов писал: И если завтра мой язык исчезнет, То я готов сегодня умереть! 1-аг амонӕг: - Ацы диссаджы ныхӕстӕ мӕ фӕнды зӕгъын иронау дӕр: Ӕмӕ кӕд ме`взаг фесӕфдзӕнис райсом, Уӕд абон ӕз мӕлӕтмӕ дӕн цӕттӕ! 2-аг амонӕг: Родной язык- ничем не заменимый,- Он дорог всем.Всё отразилось в нём: Земля и небо, осени и зимы, Понятен вздох на языке родном. 1-аг амонӕг: - Мадӕлон ӕвзаг…Цымӕ дыл чи сӕвӕрдта ахӕм фӕлмӕн ӕмӕ буц ном? Мадӕлон ӕвзаг…Цы хъарм дзырд у,цы! Куыд адджын ӕмӕ зынаргъ у мадау! Куыд рӕвдауы адӕймаджы хъустӕ, куыд агайы зӕрдӕйы тӕгтӕ!
1-аг кӕсӕг: Цы рӕстӕг базыдтон ӕдӕрсгӕ Иронау чиныджы кӕсын, Уӕдӕй нырмӕ рӕсугъд ныхӕстӕй Мӕ риуы царды цин хӕссын.
2-аг кӕсӕг: Ӕз катӕн Нигеры, Секъайы… Цомахъы уацмысты цӕхӕр Мӕ зонды хурзӕринау райы, Мӕ хъустыл зӕлы «Тохы хъӕр». 3-аг кӕсӕг: Къостайы тугӕ фыст ныхӕсты Ӕз федтон ивгъуыд дуджы уаг. Куыд хорз, уыд кадджын дӕ мӕ цӕсты, Нӕ ирон мадӕлон ӕвзаг! ( Чеджемты Ӕ.) ПЕСНЯ ӔМДЗӔВГӔ 2-аг амонӕг: В нашей школе, как и в других школах республики, осетинский язык изучают все дети, независимо от национальности. Кто-то с трудом осваивает язык великого Коста, а кому-то интересен этот язык и с удовольствием изучает его. Красоту и мелодичность осетинского языка, безусловно , мы слышим в поэзии и в песнях.
2-аг амонӕг: -У нас сегодня праздник. А какой праздник без зажигательного танца?! 2-аг амонӕг: Язык есть исповедь народа, Внём слышится природа, Его душа и быт родной.
1-аг амонӕг: Ирон зӕлланг ныхас, Дӕу айс мӕнӕй, Уӕд баззаин къуырма ӕмӕ куырмӕй! Ацы ныхӕстӕ загъта, ирон ӕвзаг, ирон дзырдӕн стыр аргъ чи кодта, йӕ удӕй фылдӕр сӕ чи уарзта, уыцы зындгонд ирон поэт- Нигер. Ӕцӕг ирон йӕхи чи хоны, уый хъуамӕ уарза ӕмӕ ауда йӕ нӕртон рӕсугъд ӕвзагыл. ПЕСНЯ. ТАНЕЦ. 1-аг амонӕг: Нӕ бӕрӕгбон кӕронмӕ ӕрхӕццӕ. Хуыцау зӕгъӕд, ӕмӕ алы ирон адӕймаг дӕр йӕ мадӕлон ӕвзагыл рӕсугъд куыд дзура! Уӕд нӕ фидӕн уыдзӕн рӕсугъддӕр ӕмӕ хъӕздыгдӕр! Кӕронбӕттӕны ма мӕ фӕнды зӕгъын Галуанты Людӕйы ныхӕстӕ: Куы нӕ уа не`взаг, нал уыдзыстӕм мах дӕр, Нӕхи сӕфтмӕ цӕмӕн бӕллӕм, зӕгъ-ма? Фӕдисонау цӕгъдын дзӕнгӕрӕг Ирыл: О, бахъахъхъӕнӕм не стырдӕр хӕзна! 2-аг амонӕг: - Дорогие друзья! На этом наш праздник, посвященный осетинскому языку, завершен. Благодарим за внимание!
|